Telegram Web Link
🥧 ХӔРД

Чи зоны, цӕмӕ у афтӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕтты кӕнӕ мардӕвӕрӕнты нӕй гӕнӕн фынджы цы хӕрд ис, уыдонмӕ бавналын?

Стӕй, ирон диныл чи у хӕст, уыдон хӕдзары дӕр ахӕм ӕгъдауыл сты хӕст ӕмӕ афтӕ скувынц Хуыцаумӕ:

«Хуыцау, дӕу ӕмӕ де'сконд зӕдтӕ ӕмӕ дауджыты лӕвӕрдтӕй бузныг! Ацы харинӕгтӕ нын хӕлар уӕнт».

Ацы фарстайӕн дзуапп дӕтты канал "Религия скифов и осетин"-ы ног пост.

#Дунемӕбакаст
#Ирондин
#Ӕссдин
#Хуыцау
#Уастырджы
#Зӕдтӕ
#Дауджытӕ
#Кувӕндӕттӕ
#Дзуарылӕгтӕ
#Хистӕртӕ
#Куывд
#Ӕгъдау
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥7👍431🥰1👏1💯1
⚡️ СОГМАйы ма ирӕттӕ ахуыр кӕнынц ӕви куыд, иууылдӕр сты ӕндӕр регионтӕй?
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🤬19🤯3😱311🔥1😁1😈1👀1😡1
1⃣0⃣7⃣8⃣  Сӕрмагонд Хӕстон операцийы фӕмард мызураг ирон хӕстон ГӔЦОЙТЫ ВИТАЛИ.


🔥 РУХСАГ У, ИРОН!

💔 Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстон операцийы фӕмард сты ☄️1078 ирон хӕстоны.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
😢27🔥2🤯1🤬1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔤 Ирон ӕвзаг у тынг хъӕздыг ӕвзаг ӕмӕ дзы пайда кӕнут рӕстмӕ.

Бирӕтӕ иронау дӕр нал дзурынц, иннӕтӕ та ирон ныхӕсты бӕста ма ӕрмӕст арабаг ныхас "саламӕй" фӕпвйда кӕнынц.

Иронау дзурӕм!
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
24🔥8👍3👏2🥰1💯1👨‍💻1
🤍 🥲😍😉🙃

Къуыдайраг дæн, дыгурон дæн,
куыдфæндыдæр мæ хон...
уыдис æмæ уыдзæни
"ирон лæппу" мæ ном.

æгæр уарзын ирон дзырд.
æмæ цыфæнды уæд —
æнæ хæхтæй мын дуне
у хаст æмæ къуындæг.

у уарзтæн гом мæ зæрдæ,
у хурæй гуырд мæ зард,
цæуын, фæлæ — нæ цæуын
мæ Иры хъыгтæй дард.

зын мын у тынг ыстæм хатт,
тыхсын, фæлæ йæ зон, —
мæ хæйрæг дæр ирон у,
мæ Хуыцау дæр ирон.

#ирон
#Ирыстон
#Ирондин
@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍2114🔥8💯31👏1🤝1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Къорд @zaervatkkk ӕмбырд кӕны фӕрӕзтӕ, цӕмӕй ног ирон мультфильм иронау сдзуын кӕной. 

Мультфильм хуыйны «Элементарно», ӕмӕ ӕмбырд та кӕнынц 70 мины бӕрц.

Уӕ фӕрӕзтӕ-иу баппарут ацы картамӕ: 2202201723156598 Заурбек Маирбекович Б.

@ironkanal
🔥11👍74👏21🥰1🍾1👀1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Ӕцӕгӕйдӕр, цӕмӕннӕ ис Парпатӕн цырт Цӕгат Ирыстоны?

Парпаты ӕмӕ Хубулы фӕрцы Ирыстон йӕ арӕнтӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ сын хъӕуы дыууӕ ирон домбайӕн стыр аккаг цырт.

@ironkanal
👍22💯11🔥83🙏21🥰1🤗1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Джызӕлы адӕмӕн исынц сӕ зӕххытӕ, ирон адӕм сты тынг тыхст.
@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🤬16👎4🔥3😱1👌1👀1😡1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ногиры адӕм дӕр фыртыхст сты сӕ колхозон зӕххытӕ сын ӕцӕгӕлон инвесторӕн кӕй дӕттынц.

@ironkanal
🔥12🤬11👎31👏1😱1😡1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🤍 Хӕдӕфсады ветеранты сӕргълӕууӕг Дудиты Серги фӕсидт ирон адӕммӕ, цӕмӕй ма рох кӕнӕм Уӕлахизы бон - 5 ноябрь, 1992 азы Ацы бон ӕнӕхъӕн Ирыстоны уыд Иугонд ӕмӕ фӕуӕлахиз ӕрбабырсгӕ мӕхъӕлон фыдгӕнджытыл.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥12👍411👏1💯1👀1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🤍❤️💛  Абон у Хуыбылты Валерийы Гуырӕнбон!

ХУБУЛЫ тыххӕй нæ хъæуы бæрзонд, аккаг ныхæстæ, цæмæй ацы стыр удыхъæды хицау, нӕ Фыдыбæстæйы патриот, йæхицæн стыр ном æмæ кад чи скодта, уыцы адæймаджы тыххæй дзурай.

ХУБУЛ уыд лæджыхъæддзинад æмæ уæздандзинады дæнцæг.

ХУБУЛ уыд нацийы сæрыстырдзинад.

ХУБУЛ уыд йæ адæмы историйы азфысты сыгъзæрин дамгъæтæй фыст чи æрцыд, ахæм адæймаг æмæ йæ цыбыр, фæлæ ирд цард ссис фæзминаг фидæны фæлтæртæн.

ХУБУЛ йæ цард снывонд кодта иууыл стырдæр нысанæн — Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынæн. Йæ цыбыр царды уый улæфт нæ зыдта, æрхъæц ын нæ уыд — æппынæдзух тох кодта ирон адӕм ӕмӕ Ирыстоны сӕраппонд.

#ХУБУЛ

@ironkanal
👍18🔥751🥰1👏1🤝1
🗺 Нӕ фыдӕлтӕ рӕсугъд бынӕтты цардысты.
@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
14🔥10❤‍🔥2👍1🥰1💯1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🧄🧅 Зонут ӕй, куыд хъӕуы садзын нуры ӕмӕ хъӕдындз?
@ironkanal
👍206🔥4👏31🥰1😁1🤗1
🏺 Хетӕгкаты Къостайы ныв "Ирон хӕдзары уадзынц арахъхъ".
@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍74👎31🔥1🥰1👏1
⚡️ Ирон адӕмы бынтондӕр ничиуал фӕрсы, кӕйдӕриддӕр фӕнды Цӕгат Ирыстоны исты аразын, уый йӕ аразы ирон адӕмы ныхмӕ.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🤬12🤯2😱2👎1🔥1😈1👀1🙈1
🔥 Нӕ национ идея у тынг ӕнцон ӕмӕ арӕзт у ӕртӕ пунктӕй:

🔤 Ирон ӕвзаг

🏺 Ирон дин

🗺 Иугонд Ирыстон

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
11👍32🥰1👏1💯1🤝1
🪶📚 Ирон национ чиныгдоны ис фенӕн Къостайы къухфыст. 

Куыд ӕй уынут, уымӕ гӕсгӕ нӕ гениалон фыссӕгӕн уыд тынг рӕсугъд къухфыст. Ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй ӕмӕ ма Къоста уыд тынг хорз нывгӕнӕг.

Стӕй-ма уынут ӕмӕ Къоста латиницӕйыл нӕ фыста, фӕлӕ "Шёгрены алфавитыл". Хуымӕтӕг кириллицӕ нӕ каст ахуыргӕндтӕм хорз ирон ӕвзагӕн.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
65🔥4🥰2👍1👏1💯1🤝1
Фест райсомæй лæгау,
Зымæг уа, сæрд - æрвылбон.
Æмæ–иу скув: Хуыцау,
Уæлахиз уæд Ирыстон!


@ironkanal
93🔥3👎1🤮1🤡1🤝1
🔤 Иумӕ 'ссудзӕм рухс ирон ныхасӕй.

Куыд зонӕм афтӕ, нӕ фыдӕлты динмӕ гӕсгӕ, фыццаг уыд Рухс.

Ӕмӕ мах дӕр 'ссудзӕм Рухс нӕ мадӕлон ӕвзагӕй. Ирон ӕвзаг бынтондӕр никуы уал хъӕуы уынгты, ӕхсӕнады ӕмӕ паддзахадон куыстуӕтты. Ӕгӕрыстӕмӕй ма хӕдзары дӕр нал дзурӕм иронау.

Ӕнӕ ӕвзаг наци у мард, кӕд-ма бирӕтӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл тӕригъӕд сидзӕртау фӕхъӕр кӕнынц "Осетия! Алания!'"

Бахъхъӕнӕм ирон ӕвзаг!

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
43🔥2👍1👏1💯1👻1
2025/11/08 02:33:03
Back to Top
HTML Embed Code: