Telegram Web Link
🎵 Мамсыраты Тасолтан — «Дидинӕг»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны лӕвар равдыстой киноныв «Авд сау гӕххӕтты»

🔻Хӕсты рӕстӕгыл ист ирон киноныв равдыстой «Чермен»-ы. Кӕд ӕй республикӕмӕ ӕрласын зын уыдис, уӕддӕр йӕ авторты ӕмӕ культурӕйы министрады кусджыты руаджы къухы бафтыд.

Кинонывы генералон продюсер Сохъуырты Аслан «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй сын киноныв сӕрмагондӕй Цхинвалы равдисын ахсджиаг уыд. Уыимӕ йӕ ӕмбӕрстой 2008 азы хӕсты цӕфтӕ нырма кӕмӕн риссынц, уыцы адӕм æй уӕлдай тынгдӕр банкъардзысты.

Киноныв равдисыны размӕ генералон продюсер ӕмӕ актертӕ фембӕлдысты ӕрбацӕуджытимӕ, радзырдтой сын кинонывыл куыд куыстой, уый тыххӕй.

Цхинвалы цӕрджытӕ кинонывы сюжет сӕ зӕрдӕтӕм хӕстӕг айстой. Бирӕтӕ сӕ цӕссыг нӕ урӕдтой.

💬 «Уый фӕстӕ бадыс ӕмӕ хъуыды кӕныс, алцыдӕр дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыд. Мах, кӕстӕрты ӕмӕ нӕ рӕсугъд сабыр царды тыххӕй. 40-ӕм азты хӕстмӕ чи ацыд, уыдонӕн мӕ сӕрӕй ныллӕг кувын. Ацы кинонывыл чи бакуыста, уыдонӕн та стыр бузныг, тынг хорз рауад», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Кристинӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔻Ӕмбисӕндтӕ бирӕ. Ӕвдисынц алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ, монцтӕ, царды фӕзындтӕ. Се 'ппӕтыл иу ӕрмӕджы нӕ аххӕсдзыстӕм.

📆 Абон равзӕрстам ахӕм.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы фыццаг кинотеатр куыд хуынди?
Anonymous Quiz
25%
Пате
15%
Гигант
8%
Владикавказ
51%
Комсомолец
Хуссар Ирыстоны райдыдтой парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ

🔻Ӕвзӕрстыты архайы 7 политикон партийы:

▫️«Иугонд Ирыстон»
▫️«Адӕмон парти»
▫️«Адӕмы иудзинад»
▫️«Ныхас»
▫️«Коммунистон парти»
▫️«Иудзинад»
▫️«Иры фарн».

Ӕдӕппӕтӕй сты 184 кандидаты. Ӕвзарӕн участоктӕ кусдзысты 20 сахатмӕ.

📄 Абоны бӕрӕггӕнӕнтӕ — нӕ нывты.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Artrio ӕмӕ Ramirez — «Душа»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг Хуссар Ирыстоны граждӕнтӕй парламентмӕ ӕвзӕрстыты схъӕлӕс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон сӕмбырд сты ӕвзарӕн участочы цур

🔻Участокмӕ ӕртӕ бацӕуӕнӕй алкӕй цур дӕр сӕмбырд дӕсгай адӕм, алы рады 60 адӕймагӕй къаддӕр нӕй. Алкӕй дӕр сӕ фӕнды йӕ хъӕлӕс радтын. Ӕвзарӕн участокмӕ уыцы-иу рӕстӕг бауадзынц цалдӕргай адӕймаджы. Ӕнхъӕлмӕгӕсджытӕн уынджы байтыдтой хурӕй кӕм бамбӕхсой, ахӕм ӕмбӕрзӕнтӕ. Адӕмӕй бирӕтӕ райсомӕй ӕрбацыдысты. Ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй чи бафӕллад, уыдонӕй бирӕтӕ хыл кӕнынц пъӕлицӕйӕгтимӕ.

➡️ Ӕдӕппӕтӕй «Металлург»-ы ӕвзарӕн хайадмӕ арвыстой 3000 бюллетены. Ацы сахатмӕ схъӕлӕс кодтой 700 адӕймаджы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔻Ӕмбисӕндтӕ бирӕ. Ӕвдисынц алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ, монцтӕ, царды фӕзындтӕ. Се 'ппӕтыл иу ӕрмӕджы нӕ аххӕсдзыстӕм.

📆 Абон равзӕрстам ахӕм.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны хъӕуты уыд тыхджын ихуард

🔻Ӕрдзы хивӕнд митӕ зиан ӕрхастой Знауыры ӕмӕ Цхинвалы районы хъӕутӕн. Аунеу ӕмӕ Цъунарӕй цы кадртӕ ӕрвитынц, уыдоныл фенӕн ис айчы ӕмиас ихтӕ. Адӕм сӕ хуымтыл мӕт кӕнынц.

Цхинвалы дӕр боныхъӕд февзӕрдӕр: дымгӕ дымы, уары къӕвда.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Сапæ» дарддӕр ӕххӕст кӕны рубрикӕ «Уӕлейы бадын — дардмӕ уынын»

🔻Ацы хатт хъайтар у Цӕгат Ирыстоны транспорты ӕмӕ фӕндаггон инфрастуктурӕйы комитеты сӕрдар Солиты Тариэль. Ацы адӕймагмӕ бирӕ фарстытӕм ма бафтыд иу: ныр къорд азы Михайловскимӕ транспортон бастдзинад нӕ нывыл кӕны.

Михайловскӕйы 3 ӕмӕ 5-уӕладзыгон хӕдзӕртты цалдӕр мин адӕймаджы цӕры. Фӕлӕ сӕм 160-ӕм маршруты йеддӕмӕ ницы цӕуы, уый та йӕ фӕндаг Заводы поселокыл акӕны. Уымӕ гӕсгӕ дзы бадгӕ нӕ, фӕлӕ лӕугӕйӕ дӕр нӕ ацӕудзынӕ.

Исчи зӕгъдзӕн, кӕд изӕрыгон уавӕр хуыздӕр у. Нӕ. Фӕстӕмӕ хӕдзарыл сӕмбӕлын дӕр ӕнцон нӕу. 19 сахатӕй фӕстӕмӕ 160-ӕм маршрут цырагъы рухсимӕ дӕр не ссардзынӕ. Михайловскӕйы цӕрджытӕ сбадынц 13-ӕм маршрутыл, Заводы поселочы центрмӕ схӕццӕ вӕййынц, уырдыгӕй та — сӕ хӕдзӕрттӕм фистӕгӕй. Кӕнӕ та сӕ бахъӕуы 150-ӕм маршрутыл сбадгӕйӕ, бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕм фӕзилӕны онг ацӕуын, уым рахизын ӕмӕ ногӕй фистӕгӕй. Дзырдӕн, 150-ӕм маршрутыл дӕр 5 машинӕйы йеддӕмӕ нӕй.

Транспорты комитетӕн фарста ӕнӕзонгӕ нӕу. Зӕрдӕ ӕвӕрынц, ног автобустӕ куы фӕзыной, уӕд уавӕр аивдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы диссаджы хъуыддаг кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕн дзуаппдӕттӕг нӕй. Уӕдмӕ та Михайловскӕйы цӕрджыты хъӕуы горӕтмӕ кӕнӕ фистӕгӕй, кӕнӕ таксийыл цӕуын. Ам та сӕйрагдӕр у цӕмӕй ацы хъуыддагыл бакусынӕн дӕр Солиты Тариэлы ноджы цалдӕр азы хъуыды кӕнын ма бахъӕуа. Кӕннод тӕссаг у поселочы цӕрджытӕй искӕй куы бафӕнда комитеты кусын, цӕмӕй хъуыддаг къуырцдзæвæнӕй фезмӕла ӕмӕ йе 'мхъӕуккӕгтӕн баххуыс кӕна, уый тыххӕй.

«Уӕлейы бадын — дардмӕ уынын» у нӕ цӕстӕнгас хицауад ӕмӕ бӕрнон адӕмы архайдмӕ. Иу хатт ма нӕ бон зӕгъын у: сӕ куысты фӕдыл цы дзурынц ӕмӕ кӕнынц, уый регионы цӕрджытӕ сӕхиуыл банкъарынц.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Гидрометцентры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ абон, райсом ӕмӕ иннӕбон республикӕйы ӕрцӕудзысты тӕрккъӕвдатӕ, ранӕй-рӕтты ихимӕ. Кӕндзӕн тыхджын дымгӕ, сикъундмӕ 20-25 метры онг. Ӕппӕт коммуналон службӕтӕ кусынц ӕппынӕдзух цӕттӕдзинады фӕткмӕ гӕсгӕ. Диспечерты номыртӕ базонӕн ис ам.

🔸 Райдыдта комплекс «Аквасити»-йы проектыл ӕхсӕнады цӕстӕнгас базоныны ӕмӕ хъӕлӕс кӕныны рӕстӕг. Комплексы уыдзӕн аква- ӕмӕ спа-центр, фысымуат, сӕрдыгон театр, фудкорт ӕмӕ спортӕй архайынӕн фадӕттӕ. Дзӕуджыхъӕуы цӕрджыты ӕмӕ уазджыты бон у проектыл схъӕлӕс кӕнын ӕмӕ фарстытӕн дзуапп радтын. Сты ам.

🔸 Райсом Дзӕуджыхъӕуы уыдзӕн футболон фестиваль чызджытӕн. Алкӕмӕн дӕр фадат уыдзӕн футболӕй ахъазын. Уазджытӕн сараздзысты конкурстӕ, дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ, бацӕттӕ сын кодтой лӕвӕрттӕ. Фестивалы архайӕн ис лӕвар. Райдайдзӕн 10 сахатыл футболы академийы. Регистраци скӕнӕн ис ам.

🔸 11-ӕм ӕмӕ 12-ӕм июны республикӕйы бӕрӕг кӕндзысты Ирыстон Уӕрӕсеимӕ куы баиу, уый 250 азы. Бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ базонӕн ис ам.

Къам: @v_totraty

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Амондджын боны гуырд разынд»: йӕ хъуыр болгаркӕйӕ чи алыг кодта, уыцы нӕлгоймаджы Дзӕуджыхъӕуы дохтыртӕ фервӕзын кодтой

🔻Змейкӕйы 64-аздзыд цӕрӕгыл, хӕдзары куыстытӕ кӕнгӕйӕ, болгаркӕ фӕирвӕзт. Мигӕнӕны зилгӕ дискӕй йӕ хъуыр фӕлыг кодта 28 майы. Бирӕ туг фесӕфта, афтӕмӕй бахӕццӕ Республикон клиникон рынчындонмӕ, Кировы районы рынчындоны йын фыццаг ӕххуыс куы бакодтой, уый хӕдфӕстӕ.

Арф хъӕдгомы дӕргъ уыд аст сантиметрӕй фылдӕр. Операцийы рӕстӕг куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй хъыгдард баййӕфтой цӕсгомы тугдадзин ӕмӕ бирӕ ӕндӕр лыстӕг дадзинтӕ. Фӕхъӕн ис быннаг ӕфсӕр дӕр. Тугдадзин бахуыйын ӕмӕ туг бауромын хирургӕн бантыст дыууӕ сахатмӕ.

💬 «Амондджын боны гуырд разынд. Гыццыл ма хъуыди, ӕмӕ йӕ артери алыг кодтаид. Хуыцау бахизӕд, фӕлӕ йын уӕд ничиуал баххуыс кодтаид», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн дохтыр Дзуццаты Виталий.

➡️ Ныртӕккӕ нӕлгоймаджы уавӕр тӕссаг нал у. Рынчындонӕй йӕ рафыстой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2024/06/10 10:07:34
Back to Top
HTML Embed Code: