Telegram Web Link
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Дзӕуджыхъӕуы Кировы уынджы 64-ӕм хӕдзары Дзиуаты Земфирæйы ӕрмадзы байгом куклаты равдыст. Бакуыстой сыл Саральп Мадинӕ ӕмӕ Годжыцаты Изольдӕ. Равдысты фенӕн уыдзӕн ӕрмдӕснытӕ куклатӕ куыд кӕнынц, уый. Равдыстмӕ ӕрбацӕуӕн ис алы бон дӕр 12 сахатӕй 20 сахатмӕ.

🔸 Дзанайты Азанбеджы номыл аивӕдты училищӕйы 28-ӕм майы 12 сахатӕй 16 сахаты онг уыдзæн гом дуӕртты бон. 11 сахатыл та дзы равдисдзысты дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ дизайнӕй. Се 'ппӕты хонынц Дзӕуджыхъӕуы Марковы уынджы 26-ӕм бӕстыхаймӕ.

🔸 Журнал «Дарьял» ӕмӕ интернетдӕттӕг организаци «М2 Коннект» хъусын кӕнынц фантастикӕйы конкурс «Система знаков»-ы дыккаг сезон кӕй райдыдта, уый тыххӕй. Сӕ бон дзы бацархайын у куыд фысджытӕн, афтӕ нывгӕнджытӕн дӕр. Конкурсы домӕнты тыххӕй бӕлвырддӕр базонӕн ис ам.

🔸 Райсом, 28-ӕм майы, уыдзӕн Цхуырбаты Аланы разамындӕй чингуыты клубы радон фембӕлд. Ацы хатт ныхас кӕндзысты Лев Толстойы уац «Хаджи-Мурат»-ыл. Ӕмбырд кӕнынц 18:30-мӕ театр ШКиТ-ы. Бæлвырддæр информаци базонæн ис ам.

Къам: Басаты Хъазыбег

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мӕздӕджы районы ӕнӕхӕдзар куыйтӕн байгом кодтой 28 милуан сомы аргъ приют

🔻«Моздокпитомник»-ы хицау сси Гусаты Зауырбег. Приют хъуамӕ скуыстаид фарон декабры. Йӕ арӕзтадыл республикон бюджетӕй схардз кодтой 25 млн сомы, районы бюджетӕй та 3 млн сомы.

Районы разамындӕн дӕргъвӕтин рӕстӕг арӕзтад райдайын йӕ бон нӕ уыд. Проект сӕххӕст кӕныныл бирӕтӕ нӕ разы кодтой, уыимӕ дзӕвгар хъӕстытӕ уыд.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Ӕрмӕст адӕм чингуытӕ кӕсӕнт»: Хуссар Ирыстоны чиныгдоны национ залӕй фӕнд кӕнынц коворкинг скӕнын

🔻Уагдоны директор Гуыцмӕзты Иннӕ «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй адӕмы фылдӕр хай се 'ргом электрон чингуытӕм аздӕхтой. Ныртӕккӕ чиныгдон схонӕн ис чиныджы музей. Чи зоны, гӕххӕттӕй чиныг суыдзӕн ивгъуыды экспонат ӕмӕ йӕм адӕм дисгӕнгӕйӕ кӕсдзысты.

💬 «Уадиссагӕй дзы ницы ис, ӕрмӕст адӕм чингуытӕ куы кӕсиккой. Раздӕр пергаментыл, кӕнӕ дуртыл кӕй фыстой, ууыл ныры дуджы йӕ сӕр ничи хойы ӕмӕ дзыназы. Рӕстӕг ивы ӕмӕ гӕххӕттӕй чиныг ивы нымӕцон технологиты хуызмӕ», — ӕмбарын кӕны Гуыцмӕзты Иннӕ.

Хъыгагӕн, чингуытӕ нымӕцон хуызмӕ раивынӕн республикӕмӕ фӕрӕзтӕ нӕй. Афтӕмӕй та чиныгдоны къӕбицы ис стӕм чи ӕмбӕлы, ахӕм ирон литературӕ ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕнын тынг ахсджиаг у.

Цӕмӕй фылдӕр чиныгкӕсджытыл аххӕссой, уый тыххӕй уагдоны кусджытӕ разӕнгардӕй архайынц социалон хызӕгты. Ис сӕм ног фӕндтӕ дӕр. Зӕгъӕм, кӕсӕн залӕй сӕ фӕнды коворкинг скӕнын.

💬 «Чиныгдоны агъуыстытӕ стыр сты. Коворкингӕн бӕззынц, стӕй адӕмы зӕрдӕмӕ дӕр хъуамӕ фӕцӕуа. Стӕй дзы сабыр у. Ныридӕгӕн дӕр адӕмӕй бирӕтӕ ӕрбацӕуынц ноутбуктимӕ ӕмӕ дзы фӕкусынц. Цӕмӕй сын ноджы ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй вайфай дӕр бауагътам», — зӕгъы чиныгдоны хицау.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Рагагъоммӕ информацимӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕг Цӕгат Ирыстоны кусдзӕн иунӕг участок

🔻Республикӕйы цал участочы кусдзӕн, уый тыххӕй политикон партитӕм бӕлвырд информаци нӕма ис. Партитӕ ӕмӕ иумандатон кандидаттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Центрон ӕвзарӕн къамисы уынаффӕмӕ, фӕлӕ йӕ нӕма фехъусын кодтой.

💬 «Рагагъоммӕ информацимӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны кусдзӕн ӕрмӕст иунӕг участок, Хуссар Ирыстоны минӕварады. Афтӕмӕй та республикӕйы минӕвӕрттӕй цӕгаты чи цӕры, уыдон цалдӕр мин адӕймаджы сты. Уыцы бӕстыхайы та ӕппынфылдӕр схъӕлӕс кӕныны бон уыдзӕн 2 мин адӕймагӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн политиктӕй иу.

«Адӕмы иудзинад»-ы партийы кандидат Джуссойты Алан куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй Центрон ӕвзарӕн къамис хъуамӕ уынаффӕ рахӕсса ӕмӕ йӕ рагацау фехъусын кӕна, ӕппынфӕстаг ӕвзӕрстытӕй къуыри раздӕр. Уӕдмӕ та кандидаттӕ агитацион куыст канд Хуссар Ирыстоны нӕ кӕнынц.

➡️ Иу хатт ма уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ уыдзысты 9-ӕм июны.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Фарныхъӕуы разамынд зӕрдӕ бавӕрдта мӕймӕ хъӕугӕроны бырондон ссыгъдӕг кӕнын

🔻Бетон къӕйтӕ, саст агуыридуртӕ, саст бӕлӕстӕ: Фарныхъӕуы Цъӕхилты ӕфсымӕрты уынджы цӕрджытӕ ахӕм нывтӕм алы бон кӕсынц. Терчы былӕй быгъдон иу-дӕс азы размӕ рауад. Афтӕмӕй дзы хизы хъӕуы цӕрджыты фос.

💬 «Беслӕны 'рдыгӕй доны былгӕрӕттӕм зилынц. Фарныхъӕуы алыварс та сыгъдӕг ран метры бӕрц дӕр не 'ссардзынӕ. Уым — рӕсугъд бынат, ам та — быгъдон. Хъыг та уый у, ӕмӕ сӕ арӕзтадон бырӕттӕ ардӕм не 'мхъӕуккӕгтӕ кӕй ласынц», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн Цъӕхилты ӕфсымӕрты уынджы цӕрджытӕ.

Хъӕуы хицау Галуаты Зауыр иу ӕмӕ дыууӕ азы нӕ архайы уавӕр хуыздӕрырдӕм аивыныл. Фӕлӕ бырон къаддӕр нӕ, фӕлӕ фылдӕр кӕны.

💬 «Ӕмбарын ӕй, алкӕй бон нӕу арӕзтадон бырон раласынӕн фидын. Фӕлӕ мӕм уыцы фарстаимӕ иунӕг дӕр нӕма ӕрбацыд, ӕндӕр мӕ бон цӕмӕй у, уымӕй сӕм фӕкӕсин. Алы уалдзӕг фӕсивӕдимӕ рацӕуӕм, хъӕуы алыварс бафснайӕм. Фӕлӕ арӕзтадон бырон уӕззау у, ӕнӕ техникӕйӕ йын нӕ бон ницы у», — зӕгъы Фарныхъӕуы хицау Галуаты Зауыр.

Фарныхъӕуы алыварс фӕзуӕттыл Россельхознадзоры специалистты цӕст ӕрхӕцыд. Хъӕууон-хӕдзарадон зӕххытӕй бырондон кӕй рауад, уый тыххӕй бӕлвырд гӕххӕтт арвыстой районы администрацимӕ. Уым та зӕрдӕ бавӕрдтой хӕстӕгдӕр рӕстӕг ӕй кӕй бафснайдзысты, уымӕй.

💬 «Бырӕттӕ, ӕнӕмӕнг, раласын хъӕуы. Уыцы хъуыддагыл Фарны администрацийы разамонӕг бакусдзӕн. Мах сын ӕппӕт хъӕугӕ техникӕ ратдзыстӕм. Мӕймӕ зӕххытӕ ссыгъдӕг кӕндзыстӕм», — загъта «Сапӕ»-йӕн районы администрацийы сӕргълӕууӕг Мырыкаты Хъазыбег.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔻Ӕмбисӕндтӕ бирӕ. Ӕвдисынц алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ, монцтӕ, царды фӕзындтӕ. Се 'ппӕтыл иу ӕрмӕджы нӕ аххӕсдзыстӕм.

📆 Абон равзӕрстам ахӕм.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Диего Марадонна цавӕр бӕстӕйы иугонд командӕйы хъазыд?
Anonymous Quiz
13%
Бразилийы
7%
Португалийы
77%
Аргентинæйы
3%
Уругвайы
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — минӕварад.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Сапӕ» йӕ бафысджытӕн бацӕттӕ кодта ног рубрикӕ!

🔻Ацы хатт литературӕ ӕмӕ аив рӕнхъытӕ чи уарзы, уыдонӕн. Ӕгомыг, фӕлӕ миддуне ӕргомгӕнӕг. Кӕйфӕнды зӕрдӕйы дуар байгом кӕнынц. Кӕмӕн сӕ рыст айсынц, кӕй та цин бауадзынц. Ахӕм у зӕрдӕйӕ рӕнхъыты тых.

Ӕмдзӕвгӕтӕ схонӕн ис дзырдты музыкӕ. Уӕвгӕ, аив рӕнхъытӕ алкӕй зӕрдӕйы дӕр сӕвзӕрын кӕнынц алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ. Цавӕр? Удтӕ ӕргомгӕнӕг, зӕрдӕмӕхъаргӕ, ныфсдӕттӕг…

➡️ Уӕ сусӕг хъуыдытӕй уын цы раргом кӕндзысты, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ сын сӕ мидис ӕмӕ аивдзинад иумӕ банкъарӕм.

#зӕрдӕйӕ_рӕнхъытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 28-ӕм майы доны хӕдзарады цалцӕггӕнӕн куыстыты аххосӕй дон нӕ уыдзӕн 14-15 сахатмӕ Мӕздӕджы Фрунзейы ӕмӕ Кошевойы номыл уынгты, Луковскойы станицӕйы 9:00-10:30 сахатмӕ Прогонныйы, Степнойы, Кӕсгон уынгты.

🔸 29-ӕм майы ӕрдзон ресурсты ӕмӕ экологийы министр Бӕззаты Вадимӕн Дзӕуджыхъӕуы администрацийы уыдзӕн адӕмимӕ фембӕлд. Рагагъоммӕ хи ныффыссӕн ис телефоны номырмӕ ӕрбадзургӕйӕ: 30-30-30.

🔸 Абон Дзӕуджыхъӕуы цалцӕг кӕндзысты газы хӕтӕл. Уый аххосӕй 10 сахатӕй 15 сахатмӕ Армянскийы уынгыл машинӕтыл цӕуӕн нӕ уыдзӕн. Галиуырдӕм фӕзилгӕйӕ, Кутузовы уынгыл цӕуыны бар ис. Горӕты администраци шофырты куры рагацау ӕндӕр фӕндӕгтӕ агурын.

🔸 Мӕздӕджы районы байгом ӕнӕхӕдзар куыйтӕн приют «Моздокпитомник». Бадзурӕн сӕм ис дзӕгъӕл цӕрӕгойты ӕрцахсыны курдиатимӕ. Организаци кусы 9 сахатӕй 18 сахатмӕ. Хицау дзы у Гусаты Зауырбег, йӕ телефоны номыр: +7 (938) 883 96 21.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уӕллаг Ларсы баурӕдтой суардоны 'фсонӕй хъылмайы 200 килӕйы чи ласта, ахӕм уӕзласӕн машинӕ

🔻Кинологтӕ наркотикон буаргъӕдтӕ ссардтой уадзӕн пункты машинӕ сгаргӕйӕ. Уыдысты гуыффӕйы бын ӕмбӕхст. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй шофыр фӕнд кодта минералон дон «Боржоми» ласгӕйӕ, Уӕрӕсеимӕ арӕнты сӕрты ахизын.

Фӕлӕ куыд фӕзӕгъынц, «Боржоми» нуазыны рӕстӕг фӕци.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны арӕзтады раздӕры министр Елдзарты Константин йӕ бынат цӕмӕн наууыгъта, уый бамбарын кодта

🔻«Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕхи фӕндон уыд.

💬 «Хонынц мӕ Уӕрӕсейы кусынмӕ. Куырдтой мӕ ӕвзӕрстыты кӕронмӕ банхъӕлмӕ кӕсын, фӕлӕ мӕ бон не 'сси. Министры бынатӕй ацӕуын ма суанг февралы фӕнд кодтон», — радзырдта Елдзарты лӕппу.

Куыд зӕгъы, афтӕмӕй паддзахадон службӕ ныууадзын фӕнд кӕны йе 'мкъай Тыбылты Зӕринӕ дӕр. У президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны фарстаты фӕдыл.

➡️ Абон ныммыхуыр кодтой республикӕйы президент Гаглойты Аланы уынаффӕ Елдзарты Константины йӕ бынатӕй суӕгъд кӕныны тыххӕй. Йӕ хӕстӕ йын рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн Цоциты Зауыр.

Арӕзтады министрады официалон сайты ис хъусынгӕнинаг республикӕйы бындурон арӕзтады управленийы генералон хицауы бынатӕй Цоциты Зауыр 21-ӕм майы кӕй ацыд, уый тыххӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг инспекторы фӕнадта ивар ын кӕй рафыста, уый тыххӕй

🔻28-аздзыд Б. Руслан ӕмӕ 36-аздзыд хистӕр лейтенант К. Таймураз кӕрӕдзимӕ 4 боны размӕ фӕбыцӕу сты. Гӕххӕттытӕ сбӕрӕг кӕныны тыххӕй, инспектор баурӕдта BMW 735. Уый шофыры зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нӕ фӕцыд.

Се 'хсӕн ныхас бацайдагъ ӕмӕ инспектор шофыры фӕивар кодта. Машинӕйы хицау ӕй йӕ зӕрдыл бадардта. Дыккаг бон инспекторӕн уыд улӕфӕн бон. Руслан ӕй ссардта ӕмӕ йемӕ «нӕлгоймаджы» ныхас кӕнын райдыдта, йӕ тымбыл къухтыл дӕр нӕ бацауӕрста.

Афтӕмӕй Таймуразы фӕнадта, уыцы видео уайтагъд апарахат. Аластой йӕ рынчындонмӕ, медицинон ӕххуыс бакӕнгӕйӕ йӕ, хӕдзармӕ ауагътой.

➡️ Мӕстыгӕр дзӕуджыхъӕуккаджы ӕрцахстой. Уголовон хъуыддаг нӕма байгом кодтой, ӕрмӕджытӕ арвыстой Слестгӕнӕн комитетмӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔻Хуссар Ирыстоны ӕрцыд ахӕм цау. Кънйазы фырт райдыдта ӕрыгон сылгоймагмӕ фӕлгъауын ӕмӕ йын тыхми бакӕнын. Уый базонгӕйӕ, сылгоймаджы 'мкъай ӕлдары амардта. Лӕппуйы куыд нӕ ӕрцахстаиккой, йе 'мхъӕуккӕгтыл та сӕвӕрдтой ивар — 3000 сомы. Уый нӕ, фӕлӕ ма хъӕуы ӕрцӕрын кодтой салдӕтты, адӕм та сын сӕ бӕхтӕм хъуамӕ зылдаиккой.

Адӕмӕн сӕ бон куы нал уыд, уӕд Къостайы ӕххуыс бацагуырдтой. Душеты ссардтой Малыты Лексайы, уый сӕ арвыста йӕ зонгӕ Гуыбаты Къорамӕ цӕмӕй сӕ Къостаимӕ базонгӕ кӕна, уый тыххӕй. Хъӕуы цӕрджытӕ, мӕгуыр, ӕфсӕрмы кодтой, ахӕм хуызы Къостайы раз куыд ӕрлӕууӕм, зӕгъгӕ. Уый базонгӕйӕ сӕм Леуаны-фырт йӕхӕдӕг ратахтис: «Ӕз сымах хуызӕн хохаг дӕн, цӕмӕй мӕ 'фсӕрмы кӕнут». Фӕкӕсынӕй сын зӕрдӕ бавӕрдта. Бацӕттӕ кодта гӕххӕттытӕ, ӕмбӕлгӕ уагдӕттӕм сӕ арвыста.

Поэты ӕххуысӕй кънйаз амарӕджы ахӕстонӕй рауагътой, хъӕуккӕгты та иварӕй суӕгъд кодтой. Адӕм афтӕ цин кодтой ӕмӕ, фӕйнӕ капеччы сӕмбырдгӕнгӕйӕ, фӕнд кодтой Къостайӕн 100 сомы балӕвар кӕнын. Фӕлӕ сӕ Къоста нӕ бакуымдта.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔻Ӕмбисӕндтӕ бирӕ. Ӕвдисынц алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ, монцтӕ, царды фӕзындтӕ. Се 'ппӕтыл иу ӕрмӕджы нӕ аххӕсдзыстӕм.

📆 Абон равзӕрстам ахӕм.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — гуыффӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2024/05/29 06:05:14
Back to Top
HTML Embed Code: