Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары кусӕджы хъуыддаг радтой прокуратурӕмӕ, азымджын ӕй кӕнынц хъомылгӕнинаджы фӕнӕмынӕй

🔻Уавӕры тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта азымджын кӕй кӕнынц, уыцы сылгоймаджы адвокат Дзаттиаты Ларисӕ. Милицӕмӕ курдиат балӕвӕрдта цыппараздзыд лӕппуйы мад Алиса Ким (Козаты). Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ йын фарон 18 декабры сывӕллонгӕс фӕнадта йӕ фырты, ныртӕккӕ ис сывӕллӕтты хӕдзары.

Цауы тыххӕй мад фӕхабар кодта прокуратурӕ, Паддзахадон ӕдасдзинады комитет, Мидхъуыддӕгты министрад, Ахуырады министрад ӕмӕ сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджынӕн. Йӕ хъаст бахаста сывӕллӕтты хӕдзары кусӕг дӕр. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй мад йӕ сывӕллоны йӕхӕдӕг фӕнадта.

Ныртӕккӕ уавӕр иртасы прокуратурӕйы слестгӕнджытӕй иу. «Сапӕ»-йӕн Алиса Ким куыд загътыа, афтӕмӕй йӕ фырт у Уӕрӕсейы гражданин. Кӕй йӕ фӕнадтой, уымӕ дӕр «сӕ хъус ӕрдардзысты Уӕрӕсейы Федерацийы уӕлдӕр оргӕнтӕ».

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны зӕхкусджытӕ уалдзыгӕндтӕ тауыны куыстытӕн се 'рдӕг бакодтой

🔻Цӕгат Ирыстоны зӕхкусджытӕ тауынц уалдзыгӕндтӕ. «Сапӕ»-йы уацхӕссӕгӕн хъӕууон хӕдзарады министрады куыд радзырдтой, афтӕмӕй хортыды раззагдӕртӕ сты мӕнӕу ӕмӕ нартхор.

💬 «Байтыдтам нысангонд фӕзуӕтты 45,4%. Быдырты 97,5 мин гектарыл ӕрбынат кӕндзӕн нартхор, 32 мин гектарыл — фӕззыгӕнд мӕнӕу. Ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ аразгӕ сты регионы климӕтон уавӕртӕй», — радзырдтой дзуапдӕттӕг бӕрдады.

Бӕрнады ма куыд фӕбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй нӕм ацы аз фӕзынд ног культурӕ — гуар. Бацахсдзӕн Рахизфарсы районы быдырты 100 гектары.

Республикӕйы быдырты ма тауынц рапс, сойӕ, гӕн ӕмӕ хурмӕзилӕг. Ацы культурӕтӕ апарахат уыдзысты 20 гектары бӕрц фӕзуатыл. Хъӕууон хӕдзарады министрады куыд зӕгъынц, афтӕмӕй рапс ӕмӕ гӕн ис ӕрмӕст Мӕздӕджы ӕмӕ Рахизфарсы райноты. Иннӕ уалдзыгӕндтӕ республикӕйы ӕппӕт районты дӕр хорз зайынц.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Республикӕйы сӕфт хӕзна: хуссарирыстойнаг нывгӕнӕг Гасситы Хсары фыртты фӕнды сӕ хистӕры кӕлӕддзаг хӕдзарӕй музей скӕнын

🔻13-ӕм майы Гасситы Хсарыл сӕххӕст уыдаид 95 азы. Кӕм цардис, уыцы хӕдзар ис Цхинвалы астӕу, Сталины уынджы. Нывгӕнӕджы фыртты рагӕй фӕнды сӕ фыды хӕдзарӕй музей скӕнын. Уыимӕ дзы канд сӕ фыды кустытӕ нӕ, фӕлӕ иннӕ нывгӕнджыты сфӕлдыстад ӕвдисын. Бинонты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзы скӕнӕн ис нырыккон аивады фӕз.

Хсары фырттӕ «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй музеймӕ сӕ куыстытӕ бирӕтӕ радтиккой. Гасситӕм дӕр ис Кавказы зындгонд авторты нывтӕ.

💬 «Мӕ бон сӕ уырдӕм аласын нӕу, нӕ коллекци стыр у. Искуы Хуссар Ирыстоны кӕй бахъӕудзысты, ууыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ис нӕм Хсары конд ӕртӕ стыр нывы. Тынг стыр нывтӕ сты ӕмӕ сӕм иумӕ кӕсын хъӕуы, трилогийы хуызӕн», — бамбарын кодта «Сапӕ»-йӕн фырттӕй иу, Цопан.

Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны экспозици саразыныл зӕрдиагӕй кӕй бакуыстаид, фӕлӕ 2x3 метры нывтӕ кӕм равӕрой, ахӕм бынат не ссардта.

Хсары куыстыты фылдӕр хай сты Цхинвалы, сӕ иу хай — Мӕскуыйы. Республикӕйы национ музейы Гасситы Хсары куыстытӕй ис 15-20, Дзӕуджыхъӕуы дӕр 20 бӕрц сты, иу уый бӕрц та Тбилисы. Ӕдӕппӕтӕй алыхуызон музейты ис нывгӕнӕджы 100 куысты бӕрц.

Фӕлӕ музей саразын — нырма ӕнӕрцӕугӕ бӕллиц у. Хӕдзар кӕлӕддзаг у, йӕ цалцӕгӕн та ӕхца нӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Сӕрибардзинады базыртыл: йӕ хицауӕй чи атахт, уыцы мӕлхъ апарахат социалон хызы ӕмӕ адӕмӕн йӕхи бауарзын кодта

🔻Диссаджы маргъы абон федтой Беслӕны Коминтерны уынджы автомобилон скъолайы.

💬 «Ӕрбатахтис нӕм, бӕстыхайы сӕр абадтис. Фӕлӕ йыл адӕм ӕмбырд кӕнын куы райдыдтой, уӕд атахтис. Ам хӕстӕг кӕмдӕр ис, уымӕн ӕмӕ йын йӕ уасын хъусӕм», — радзырдтой адӕм.

«Сапӕ» куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй малхъ фесӕфт Ӕрыдоны фӕлладуадзӕн базӕтӕй иуӕй. Къуыри размӕ кӕдӕмдӕр атахтис. Йӕ хицауӕн йӕ ныфс дӕр асаст, ӕнхъӕлдта куыйтӕ бахсыдтой. Фӕлӕ йӕ ӕвиппайды социалон хызы ауыдта.

💬 «Къуыри размӕ йӕ балхӕдтон. Базӕмӕ йӕ куыддӕр ӕрбаластон, афтӕ лидзынвӕнд кодта. Йӕ базыртӕ йын нӕма фӕцыбыр кодтон ӕмӕ йӕ бон сси атӕхын. Нӕ алыварс фӕзуӕтты йӕ агуырдтон, фӕлӕ йыл никуы фӕхӕст дӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн маргъы хицау.

Уӕдмӕ та рӕсугъд мӕлхъ йӕхицӕн балц ацарӕзта. Адӕм ӕй уыдтой Беслӕны уынгты хӕдзӕртты ӕмӕ ӕндӕр бӕстыхӕйтты сӕртыл.

💬 «Фӕлладуадзӕн базӕйы мӕм ис доныхъазтӕ, сындзыуасджытӕ. 10 мӕлхъы дӕр мӕм ис. Чи атахт, уый 11-ӕм у. Базӕмӕ чи 'рбацӕуы, уыдоны зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц ӕмӕ сӕ бирӕ кӕнын, цӕмӕй сыл алчи цин кӕна. Чи фесӕфст, уыцы мӕлхъ кӕд исчи йӕхицӕн ныууадза, уӕд ыл бацин кӕндзынӕн. Ӕрмӕст йӕ ма бахъыгдарӕд», — радзырдта нын маргъы хицау.

Мӕлхъ фӕстӕмӕ чи ӕрбахӕсса, уымӕн та йӕ хицау бафиддзӕн 5 000 сомы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуарзбӕл исӕмбӕлӕ: рухс федта фыццаг «Дыгурон ӕвзаджы хӕдахуыргӕнӕн»

🔻Чиныджы ис 2 мины бӕрц дзырды, арӕзт у дыууӕ хайӕ. Фыццаджы — 26 урочы, се 'ххуысӕй ӕвзаг сахуыр кӕндзӕн цыфӕнды адӕмыхатты минӕвар дӕр. Дыккаг хай ахъаз у бӕлвырд зонындзинӕдтӕ райсынӕн. Уыдон сфидар кӕнынӕн автор Тахъазты Федар бакуыста фӕлтӕрӕнтӕ ӕмӕ контролон куыстытыл дӕр.

💬 «2004 азы ныффыстон ирон ӕвзаджы хӕдахуыргӕнӕн. Куы йыл куыстон, уӕд раиртӕстон англисаг, немыцаг, испайнаг, сомихаг ӕвзӕгты хӕдахуыргӕнӕнтӕ. Сӕ иуӕй дӕр мӕ бон не сси дӕнцӕджы хуызы спайда кӕнын. Уӕд ӕрхъуыды кодтон мӕхи методикӕ. Ныр дӕр ууыл ӕнцой кодтон. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ирон дыгуронимӕ иу ӕвзаг сты сӕ структурӕмӕ гӕсгӕ», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Тахъазты Федар.

Автор байхъуыста дыгурон ӕвзаджы ахуыргӕнджыты хъуыдымӕ дӕр. Сӕ фиппаинӕгтӕм хъус ӕрдардта. Ныр уыдон дӕр чиныгӕй сӕ куысты пайда кӕндзысты. Фӕлӕ, хъыгыгӕн, дыгурон ӕвзаг амонӕг педагогты къухы ӕнгуылдзтыл дӕр ис банымайӕн.

💬 «Университет дыгурон ӕвзаджы ахуыргӕнджыты нӕ цӕттӕ кӕны. Уӕдӕ хъӕугӕ методикон ӕрмӕг дӕр нӕй. Дыгурон ӕвзаг ахуыр кӕнынц ӕрмӕст дыккаг къласы онг, уый дӕр Дыгуры ӕмӕ Ӕрӕфы районты цалдӕр скъолайы. Ныртӕккӕ ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм кълӕстӕн дӕр аразынц чингуытӕ», — бафтыдта лингвист.

➡️ «Дыгурон ӕвзаджы хӕдахуыргӕнӕны» тираж у 500 экземпляры. Ныммыхуыр ӕй кодтой Уӕрӕсейы адӕмты хӕлардзинады университеты рауагъдады. Чингуытӕ Дзӕуджыхъӕумӕ сласдзысты майы кӕрон. Сӕ иу хай сын байуардзысты скъолатӕ ӕмӕ чиныгдӕттыл.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔻Ӕмбисӕндтӕ бирӕ. Ӕвдисынц алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ, монцтӕ, царды фӕзындтӕ. Се 'ппӕтыл иу ӕрмӕджы нӕ аххӕсдзыстӕм.

📆 Абон равзӕрстам ахӕм.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕстӕуккаг ӕнусты хъуыстгонд хӕстон ӕмӕ тыхӕйбайсӕг Тамерланӕн цавӕр титул уыд?
Anonymous Quiz
60%
Хан
7%
Падишах
31%
Эмир
2%
Султан
🔻Садон æмæ Мызуры цур рудниктæ куы бакодтой, уæд дзы бынæттон цæрджытӕй бирӕтӕ куыстой. Фæлæ-иу сын сæ куысты мызд кæнæ рæстæгыл нӕ фыстой, кæнæ та-иу сӕ бынтондæр ӕнæ 'хцайӕ ныууагътой.

Уыцы хабар Хетæгкаты Къостайы хъустыл куы 'рцыди, уæд кусджытӕм бацыд. Йæхи сын нæ базонын кодта. Йæ бацыдæн æрæмысыд цыдæр аххосаг, афтæмæй сӕ лыстæггай фæрафæрс-бафæрс кодта сæ куысты хъуыддæгтæй. Куы сын базонгæ сæ уæззау уавæртимæ, уæд сын баххуыс кодта. Уый нæ, фæлæ ма сын сæ мыздмæ æфтауын дæр бакодта.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — мӕлхъ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Абон Елхоты, Ираны ӕмӕ Змейкӕйы фӕткмӕ гӕсгӕ ахуыссын кӕндзысты электрон тых. Уый аххосӕй 14 сахатӕй 17 сахаты онг иуӕй-иу уынгты дон нӕ уыдзӕн. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Абон республикӕйы бӕрӕг кӕнынц ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон. Уый кадӕн этно-центр «Хидикус Аул»-ы уыдзысты дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ: амондзысты ирон чъиритӕ куыд кӕнын хъӕуы, уый. Саходӕн дзы уыдзӕн ирон национ нозтӕй. Мадзал аразджытӕ ӕрбацӕуджыты ахуыр кӕндзысты иронау дзурын. Фембӕлд райдайдзӕн 19 сахатыл Джызӕлмӕ сосафӕндагыл 26-ӕм хӕдзары. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Абон Национ библиотекӕйы уыдзӕн кафӕн-музыкалон хъазтизӕр. Мадзал аразджытӕ курынц, цӕмӕй ӕрбацӕуджытӕ уой ӕмбӕлгӕ уӕлӕдарӕсы. Спортивон дарӕсы цӕуӕн нӕй. Хъазтизӕр райдайдзӕн 18 сахатыл ӕмӕ 30 минутыл.

Фото: Тменаты Барис

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Уазӕгуарзон» индустри: Цӕгат Ирыстоны туристон афон бырондӕттӕ цухӕй ӕмӕ чъизи туалеттӕй кӕй райдыдта, уый гидты тыхсын кӕны

🔻Хъуыддаг афтӕ цӕмӕн у, уый экскурсоводты дисы ӕфтауы. Ау, бырондӕттӕ сӕвӕрын ӕмӕ сӕ сыгъдӕг кӕнын ахӕм зын куы нӕ у. Уӕдӕ туалетты фарста дӕр иуварсгонд нӕма ӕрцыд.

💬 «Туристон афон бӕргӕ райдыдта, фӕлӕ быронӕй нӕ зынӕм. Биотуалеттӕм та дӕс метрӕй хӕстӕгдӕр бацӕуӕнтӕ нӕй, нӕ сӕ ӕфснайынц. Уӕдта сӕ бынтондӕр куы нӕ сӕвӕрдтаиккой. Мыййаг сӕхигъӕдӕй куы нӕ сыгъдӕг кӕнынц. Мах ӕрмӕст Цӕгат Ирыстоны нӕ аразӕм экскурситӕ, фӕлӕ сыхаг регионты дӕр. Уавӕр ахӕм никуы у», — рахъаст кодтой «Сапӕ»-йӕн гидтӕ.

Диссаг, фӕлӕ туризмы комитеты минӕвӕрттимӕ сӕ ныхас кӕрӕдзийыл нӕ бады. Дзуапдӕттӕг бӕрнады куыд зӕгъынц, афтӕмӕй туалеттӕ ссыгъдӕг кӕнынц къуыри дыууӕ хатты. Дзывгъис ӕмӕ Дӕргъӕвсы цы модулон туалеттӕ ис, уыдон та уӕвгӕ дӕр айсынвӕнд кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕм хӕстӕг ӕндӕртӕ фӕзынд.

💬 «Санитарон агъуыстытӕ ис Буроны, Балта ӕмӕ Фыййагдоны туристон информацион центрты, куыстытӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц Цъӕй ӕмӕ Зӕрӕмӕджы. Федералон ӕххуысы фӕрцы ма афӕдзы кӕронмӕ байгом уыдзӕн цалдӕр туристон информацион центры, туалет сӕ алкӕцыйы дӕр уыдзӕн», — зӕгъынц дзуапдӕттӕг бӕрнады.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны хорзӕх уӕ уӕд!

🔻Дунейы цас адӕмыхатты цӕры, уал ӕвзаджы ис. Бирӕ сты, фӕлӕ дзы ирон ӕвзагӕй адджындӕр нӕй. Йӕ фӕлмӕн зӕлынадмӕ адӕймаг хъусынӕй не 'фсӕды. Уымӕн ӕвдисӕн у киноныв «Авд сау гӕххӕтты». Ирыстоны цӕрджытӕ гуылфгӕнгӕ цыдысты экрантӕй сӕ мадӕлон ӕвзагмӕ байхъусынмӕ.

Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ирон ӕвзагӕн сӕфӕн нӕй. Афтӕ уыд бирӕ ӕнусты. Ӕмӕ нӕ фӕнды цӕмӕй йыл мах дӕр дзурӕм. Цӕмӕй ирон аив дзырд мах кӕстӕртӕ дӕр дарддӕр хӕссой.

Цӕмӕй Хуыцаумӕ комкоммӕ цы ӕвзагыл кувӕм, уый цӕра ӕмӕ нӕ куывдтытӕ Дунесфӕлдисӕгмӕ хъуысой.

➡️ Уыцы хӕс сӕ размӕ ӕвӕрынц Ирыстоны актертӕ дӕр. Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны кадӕн цы бирӕ мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд, уыдонмӕ «Сапӕ» бафтыдта «Авд сау гӕххӕтты» уарзон актерты хъуыдытӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссарирыстойнаг банчы хицауы азымджын кӕнынц 500 мин сомы бӕрц цӕстфӕлдахӕн митӕй

🔻39-аздзыд Д. Дмитрийы бахъуыд йӕ офистӕй иу сцалцӕг кӕнын. Бадзырд бафыста 40-аздзыд И. Резоимӕ, уый та куыстытӕн банымадта 5,7 милуан сомы. Дмитрий йын сӕ йӕ банчы хыгъдмӕ арвыста.

Фӕлӕ слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, бадзырд разынд мӕнг. Цӕстфӕлдахджыты хъуыдис цӕмӕй ӕхца сӕхи бакӕной, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ ма Дмитрий Резойӕ ӕнӕ гӕххӕтытӕй 600 мин сомӕй балхӕдта кассӕйӕн аппарат. Банчы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та йӕ аргъ уыд 1,2 милуан сомы (уый дӕр ӕнӕ гӕххӕттытӕй).

➡️ Афтӕмӕй кассӕйӕн аппараты ӕргъты хицӕндзинад нымад ӕрцыд закъонхӕлдыл. Милицӕйы кусджытӕ куыд ӕнхъӕл сты, афтӕмӕй гӕнӕн ис банчы хицау милуаны 'рдӕг йӕхи бакодта.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2024/05/15 12:44:59
Back to Top
HTML Embed Code: